HomeSouth OssetiaФыстӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолимæ Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад...

Фыстӕг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолимæ Турчы цæрæг ирон адæмы Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садреттины номӕй

Зынаргь Анатоли,

Ацы азы августы мӕйы 13-ӕм аз сӕххаест уыдзӕн фашистон Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл.

Æрвылаз августы мæйы æрбалæуыдимæ, æрхæндæг свæййы Хуссар Ирыстон, Ирон адæм.

Мах Турчы цæрæг Ирон адæм дæр Хуссар Ирыстоны не’мтуг адæмимæ иумæ æрхæндæг свæййæм.

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл куыд æрлæууы августы сау бонтæ, знаджы сырды митæ, мах дæр æрымысæм фашистон Гуырдзыйы сырды лæбурд Хуссар Ирыстонмæ.

Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы бонты, уыцы трагикон цаутæ рох никуы кæндзыстæм, нæ хъайтартæ никуы рох кæндзыстæм.

Мысæм Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй знагимæ тохы хьæбатырæй чи фæмард‚ уыдоны.

Зынаргь Анатоли,

Хæдбар Паддзахад Алани дунейы æппæт паддзахадты æхсæн йæ аккаг бынат куыд ахса æмæ нæ Ирон Тырыса æнусты дæргъы сæрибарæй куыд фæйлауа уыцы хорзæх нын стыр Хуыцау балæвар кæнæд.

Хуыцау нын ма уал фенынкæнæд рыстбонтæ. Нæ зынаргь Ирыстоны сабырдзинад уæд.

Source

Stay Connected
255FansLike
473FollowersFollow
Must Read
Related News